Рамбылдтой гранттæ

Аленæ Чадулина Дзæуджыхъæмæ цалдæр азы размæ ссыд Самарæйæ. Ам мой скодта. Ныййардта чызг. Уый фæстæ йе `мкъаимæ рахицæн. Уыцы рæстæг рабæрæг, иу сывæллонмæ ма кæй æнхъæлмæ кæсы, уый. Йæ сæры алыхуызон хъуыдытæ сæвзæрд. Æмбæрста йæ, иунæгæй дыууæ сывæллоны хæссын зын кæй у, уый. Психологимæ куы аныхас кодта, уæд æй бамбæрста, сывæллонæн цард кæй фенын кæндзæн, уый.

Алена Чадулина:  «Æнæнхъæлæджы фенхъæлцау дæн. Куы йæ баззыдтон, уæд сфæнд кодтон мæхи асыгъдæг кæнын. Фылдæр мæ психологон æххуыс хъуыд. Тынг зын уавæрты уыдтæн æмæ ахæм æххуысыл мæ къух нæ ауыгътаин».

Ныртæккæ сылгоймагæн йæ зæрды ис хи куыстуат байгом кæнын. Сывæллоны райгуырдмæ дæр æнхъæлмæ кæсы. Нæ республикæйы ахæм сылгоймæгтæ бирæ сты. Афонæй раздæр йæхи кæй фæнды йæхи асыгъдæг кæнын, уыцы сылгоймæгты кар у 22 азæй 39 азы онг. Экспертты ныхæстæм гæсгæ сылгоймагтæн “ма кæн” ничи зæгъы ацы хъуыддаджы. Сывæллон мады куы нæ хъæуа, уæд æй ахæм ныййарæджы бæрны бакæнын йæ цардæн тæссаг у. Фæлæ сæйраг у, сылгоймаг цæмæй тæрсы, уый бамбарын. Ахæм сылгоймæгтæн æххуыс кæндзысты психологон фонд “С заботой о жизни”, зæгъгæ, уым. Фонд рамбылдта президенты грант, 8 милуан сомы бæрц. Фæрæзтæ бахардз кæндзысты æрмæст психологон нæ, фæлæ юридикон æххуыс бакæныныл дæр.

Елена Рубаева Руководитель проекта «С заботой о жизни»: «Нæ проекты ис дыууæ юристы, дыууæ социалон кусæджы, 8 та психологтæ. Уыдон сылгоймæгтæн се ппæт дæр æххуыс кæнынц. Сывæллонæн хæринаг раст куыд радтын хъæуы, ууыл сæ ахуыр кæнынц. Уымæй уæлдай ма бирæсывæллонджын бинонтæн хойрагæй æмæ дзаумæттæй баххуыс кæндзыстæм».

Грантæй ма схорзæхджын кодтой проект “Ирон чиныг”, зæгъгæ, уый авторты. Ирон аргъæуттимæ сын сæ чырæ телефонтæн уæлæфтуан адæм бирæ бауарзтой. Фылдæр рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ. Уыдон сæ сабибонтæй хъусынц аргъæуттæм. Ирон æвзагыл ахуыр кæнынц æмдзæвгæтæ. Гранты бæрц у иу милуан æмæ фондзсæдæ сомы. Фæрæзты руаджы чиныгдоны аргъæутты нымæц фæфылдæр кæндзысты.

Грант чи рамбылдта, уыдоны `хсæн ма – йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сывæллæттæн æххуысгæнæг проекттæ. Ныййарджыты скъола “Гармония” рамбылдта иу милуан сомы. Ирыстоны æрмдæснытæ сног кæныны проекттæн радих кодтой 500 мин сомы. Уымæй уæлдай ма ахуырады райрæзтæн, фæсивæдæй куыстагур чи у, уыдонæн бакæндзысты хъæугæ `ххуыс. Æдæппæтæй нæ республикæйæ 6 æнæкоммерцион организацийы рамбылдтой 14 милуан сомы. Куыстуæттæ гранттæй хъуамæ спайда кæной иу азмæ.

Источник: НТК “Осетия-Ирыстон”. Выпуск от 26.11.2018


Яндекс.Метрика